Хатдзæгтæ скодтой
Дзæуджыхъæуы скодтой хатдзæгтæ прокуратурæйы ивгъуыд азы куыстæн. 2019 азмæ та сæвæрдтой ног нысантæ. Абон уыцы куысты тыххæй сарæзтой сæрмагонд æмбырд. Йæ архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй уæлдай цæст дардзысты æхсæнад æмæ паддзахад хъахъхъæнынады фарстатæм. Афтæ ма – цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, амалхъом адæмы куыст æмæ гæртæмтты ныхмæ архайдмæ дæр. Закъонхалджытимæ тох кæныны мадзæлттæм дæр уæдæ бæстонæй æркæсдзысты. Статистикæмæ гæсгæ 2018 азы республикæйы æрцыд 7204 барадхæлды. Уæззау закъонхæлдтыты нымæц зына-нæзына фæкъаддæр. Прокурортæ дзырдтой, адæмæн мызд куыд фидынц, ууыл дæр. Фæнысан кодтой, цæстдарæн кусæндонæй цы аразгæ у, уый. Сæ хъæппæрисы руаджы, республикæйы цæрджытæй куысты мызды номыл цы 62 милуан сомы дардтой, уый сын бафыстой. Бафтаудзыстæм ма, æмбырды республикæйы парламенты сæрдар Алексей Мачнев дæр кæй архайдта. Арфæйы ныхæстæ загъта прокуратурæйы кусджытæн сæ ивгъуыд азы хатдзæгты тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хатдзæгтæ скодтой
Категория:
Новости и СМИ