Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гыбызьы Тайбæтæн ног цæрæнбынат
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветераны бартæ бахъахъхъæдтой. Хæсты ветеран, 95 аздзыд Гыбызты Тæйбæт йæ бинонтимæ цард Æрæфы районы, Советское хъæуы. Йæ цæрæнбынат закъонмæ гæсгæ банымадтой кæлæддзагыл æмæ йæ райхæлдтой. Фæлæ, бинонтæ кæлæддзаг хæдзæрттæй куы рацæуын кодтой бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ, уæд сын ног цæрæн бынат нæ раттой. Ветераны бартæ бахъахъхъæнынæн Æрæфы районы прокуратурæ тæрхондонмæ балæвæрдта курдиат, цæмæй йын æнæ рады лæугæйæ санитарон æмæ техникон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм цæрæн бынат радтой. Тæрхондон уыимæ сразы ис æмæ уынаффæ рахаста Гыбызты Тæйбæтæн ног хæдзар самал кæнын. Куыд æххæстгонд цæудзæн ацы домæн, уымæ йæ цæст дардзæнис нæ республикæйы прокуратурæйы разамынд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гыбызьы Тайбæтæн ног цæрæнбынат
Категория:
Новости и СМИ