Анна Халина сабийæ фæстæмæ йæхи фæлвары нывкæнынады

Афтæ вæййы æмæ цавæрдæр хуыз хи скæнын бахъæуы. Алы ахорæнæн дæр йæхи бæзджынад æмæ арæзтад ис. Æрыгон нывгæнæг - Анна Халина. Ныв кæнын куы райдыдта, уæд иу æй зæрдæмæдзæугæ хуыз сцæттæ кæнынæн бахъуыд бирæ рæстæг. Ныр фæлтæрдджын дæсны йæ куысты æнтыстджын у. Аннæ сабийæ фæстæмæ уарзы ныв кæнын. Уæд иу йæ размæ цы дзаума фæцис, ууыл иу ныв кæнынмæ балæууыд. Уæлдай уарзон та йын рудзгуыты тигътæ уыдысты, зæгъы чызджы мад Марина Халина. Æрмæст иу къултæм не 'внæлдта. Зыдта йæ, уый тыххæй йæм загъд æрхаудзæн, уый. Фæлæ иу Аннæ уæддæр ссардта йæ курдиат кæм равдиса, ахæм бынæттæ. Фæлæ медицинон кусæнгæрзты бæсты чызг равзæрта цъылинаг. Æрмæст йæ уæгъд рæстæг нæ, фæлæ ацы хъуыддаг сси йæ царды стырдæр хъуыддаг. Æппындæр дзы нæ фæлмæцы, йæ чысыл æрмазы ныв кæнын куы райдайы, уæд дзы рæстæг айрох вæййы. Райдыдта хуымæтæг эскизтæй. Чызг йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй иу сывæллæтты рæвдауæндоны сахатгай альбом æмæ кърандæстимæ бадгæйæ баззад. Ныр та æххæст кæны вазынгджын æмæ бирæ рæстæг чи домы, ахæм куыстытæ. Зæгъæм, мæнæ ацы портрет зын архайд у. Цалдæр хатты йын йæ хæйттæ фæивта. Кæд йæ конд портреттæ адæмы зæрдæмæ фæцæуынц, уæддæр дзы Аннæ йæхæдæг цавæрдæр хъæндзинæдтæ ссары. Куыд зæгъы, афтæмæй хи рæдыдтыл сæттын алы дæсныйæн дæр пайда у. Аннæ каст фæцис Дзæуджыхъæуы модæйы институт. Уый фæстæ цыбыр рæстæг акуыста скъолайы. Фæстæдæр рахызт индивидуалон уроктæ амонынмæ. Портреттæ ныв кодта заказтæм гæсгæ. Уый æнцон хъуыддаг нæу. Бирæтæ ацы куысты лыстæгдзинæдтæ не 'мбарынц, уымæ гæсгæ клиентимæ иу хъуыдымæ не 'рцæуынц. Аннæйы бæллиц у нывкæнынады скъола байгом кæнын, сывæллæтты хи методикæмæ гæсгæ ахуыр кæнын, авторон программæйыл бакусын. Кæстæртимæ кусгæйæ йæхи сабибонтæ æрхъуыды кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй алы сывæллон дæр курдиатджын у. Æрмæст æй хъæуы раргом кæнын æмæ йæ сабибонты ма ныууадзын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 457 подписчиков
12+
23 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии