Экологийы министрады коллеги

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Æрдз хъахъхъæныны министрад йæ куыстæн хатдзæгтæ скодта. Уæрæхгонд æмбырды архайдтой нæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег, барадхъахъхъæнæг æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Ивгъуыд азмæ сын цы бантыст, уый тыххæй радзырдта æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд аз пайдаджын рауад — байгом кодтой заз бæлæсты таладон, скъолаты райдыдтой экологийы уроктæ амонын æмæ цалдæр хатты зиутæ расидтысты. Уымæй уæлдай ма, ныссагътой 250 талайæ фылдæр, 128 хатты сарæзтой рейдтæ. Æмбырды пълан скодтой сæ дарддæры куыстæн. Мамиаты Чермен куыд загъта, афтæмæй лыггæнинаг фарстатæ нырма бирæ сты. Уæлдай хъус дарын хъæуы, закъоны сæрты хизгæйæ бæлæстæ чи цæгъды æмæ уæлдæфы сыгъдæгдзинад чи сафы, уыдонмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Экологийы министрады коллеги

Категория:

Новости и СМИ