Ахæм уавæрты кусæн нæй!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

17 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

17 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

17 просмотров

8 лет назад

Хæххон хъæуты цæрджытæ бирæ къуылымпызинæдтæ кæй æййафынц, уый алчидæр зоны. Ахæссæн сæм ис Мызуры цæрджыты дæр. Амбулатори сæм фæзынд 1954-æм азы. Уæдæй абонмæ дзы ницы аивта. Заууатмæ æрцыд. Адæм, цы фæуыдзыстæм, зæгъгæ, рынчын кæнын дæр нал уæндынц. Фæдисы цæуын сæ бахъæуы Алагирмæ. Куыд æмæ цы хуызы баххæццæ вæййынц, уыцы хъаймæты тыххæй базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй. Фыццаг бакастæй адæймагмæ афтæ фæкæсдзæн, æмæ ацы бæстыхай æдзæрæг у. Хъуыддагæй та у рентгенгæнæн агъуыст. Йæ фарсмæ - флюорографион кусæнуат. Санитарон домæнтæн дзуапп чи нæ дæтты, уый дæр ахæм. Къулты сæрстытæ згъæлынц, пъол - хуынчытимæ, медицинон кусæнгæрзтæ сызгæ сты. Кучиты Аллæ æдзæллаг уавæрты кусы 14 азы. Йæ ныхæстæм гæсгæ дзы цалцæггæнæн куыстытæ уал азмæ иу хатт дæр нæ уыд. Мызуры поликлиникæ байгом 1954 азы. Дохтырты æххуысмæ æрбацæуынц Алагиры районы алы къуымтæй. Бызы хъæуæй райдай æмæ суанг Ручъы тоннелы онг. Уынал, Бурон, Зынцъар æмæ Зæрæмæг - æдæппæтæй дохтырты лæггæдтæй пайда кæнынц 6 мин адæймаджы. Адæм сæ хъаст бахастой районы хицауадмæ. Алагиры администрацийы фæнысан кодтой, æхцайы фæрæзтæ нæй. Бæстыхайы дыууæ уæладзыджы сцалцæг кодтой амалджынты `ххуысæй, фæлæ та фыццаг уæладзыгæн дæр æхца не сфаг. Цæрджытæ уæддæр сæ зæрдæ дарынц, поликлиникæйы сæм æмбæлгæ уавæртæ кæй сараздзысты. Бæстыхайы уавæрмæ æркастысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Сæхи цæстæй федтой, дохтыртæ цы æдзæллаг уавæрты кусынц, уый. Зæрдæ бавæрдтой, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ æмгуыст кæнгæйæ сын кæй баххуыс кæндзысты. Бæстыхайы ис æндæр зæрдæхсаинаг фарстатæ дæр. Поликлиникæйы медицинон кусæнгарзы уындæй зæрдæ риссы. Нæ фаг кæны дæсны специалисттæ. Нæй дзы гинеколог. Сылгоймæгты Алагирмæ цæуын бахъæуы. Уый та у тæссаг. Æрæджы иу сылгоймаг фæндагыл йе `нхъæлцаудзинадæй схицæн. УЗИ кæныны дохтыр дæр Мызуры нæй. Къуыри сæм иу хатт æрбацæуы Алагирæй. Сывæллæтты дохтыр та - къуыри æртæ хатты. Цæрджыты уый тыхсын кæны. Фæнды сæ, цæмæй сæм се `ргом раздахой, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ахæм уавæрты кусæн нæй!

Категория:

Новости и СМИ