Цъиу дæр хъуамæ ма атæха
Беслæны аэропорты тæхын кæмæн не `мбæлы, уыдонæн ахæм бар хъуамæ ма уа. Нæ ныхас мæргъты тыххæй у. Стæхынмæ, кæнæ æрбадынмæ чи базылд нæ уæлдæфон дуармæ, уыцы хæдтæхджытæ сыл хъуамæ сæхи ма къуырой. Ахæм хæс Беслæны аэропорты разамынды размæ æрæвæрдта Хуссайраг транспортон прокуратурæ. Куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ацы куыст аэропорты нывыл нæу. Прокуратурæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй дзы-иу мæргътæ никæй зæрдыл æрлæууыдысты. Ничи сын-иу сбæрæг кодта сæ тæхæнтæ, се змæлды бæрзæнд, цас бирæ сты æмæ суткæйы дæргъы сæ цæрдæгдзинад. Фылдæр кæм æмбырд кæнынц, уымæн дæр бæрæг ничи ницы зыдта. Афтæмæй та аэропорттæм домæнты уый бæлвырдæй фыст у. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ алы уæлдæфон дуар дæр уыцы хъуыддагæй хъуамæ æдас уа. Спайда кæнæн ис, дунейы цы мадзæлттæ апарахат сты, уыдонæй. Зæгъæм, хъыгдарæг цъиуты чи тæрсын кæны, ахæм зæлтæй, кæнæ та сæрмагондæй ахуыргонд тугдзых мæргътæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цъиу дæр хъуамæ ма атæха
Категория:
Новости и СМИ