Скъолаты рауагъдонтæ дарддæр дæттынц иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ
Скъолаты рауагъдонтæ дарддæр дæттынц иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ
Скъолаты рауагъдонтæ дарддæр дæттынц иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ. Абон фыссынц истори æмæ физикæ. Кæронбæттæн иртæстыты историйæ архайынц 1000 иуæндæсæмкъласоны, физикæйы та 400 адæймаджы. Историйæ экзаменацион куыст арæзт у дыууæ хайæ. Бахастой сæм 20 хæслæвæрды, хъуамæ сæ скъоладзаутæ баххæст кæной 3 сахаты æмæ 30 минутмæ. Физикæйæ хынцинæгтæ та сты 30. Сæ баххæст кæнынӕн рауагъдонтæн рæстæг ис 3 сахаты æмæ 55 минуты. Иумæйаг паддзахадон фæлварæны рæстæг скъоладзаутæн сæ бон пайда кæнын у хуымæтæг калькулятор æмæ линейкæйæ. Фæлварæнтæ раттынмæ сæрмагондæй снысан кодтой 9 пункты. Куыд раздæры азты, афтæ ацы хатт дæр аудиториты ис видеоцæстдарды системæтӕ. Ахуырады æмæ наукæйы министрады та кусы сæрмагонд телефон иумæйаг паддзахадон фæлварæны фарстаты фæдыл. Уæ бон у бадзурын ахæм номырмæ — 53-49-40.