Сергей Меняйло схорзæхджын кодта Æппæтуæрæсеон сфæлдыстадон æркасты уæлахиздзауты
Сергей Меняйло схорзæхджын кодта «Хъæбатыртæй нæ райгуырынц, хъæбатыртæ свæййынц», зæгъгæ, æппæтуæрæсеон сфæлдыстадон æркасты уæлахиздзауты. «Ныв кæныны» номинацийы 1-аг бынат райста Архонкæйы 6-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинаг Сергей Шаталов, 2-аг бынат - Æрыдоны 1-æм скъолайы ахуырдзау Никита Галич. 3-аг бынат - 41-æм скъолайæ Хъаныхъуаты Амирæ. Сæрмагонд номинацийы фæуæлахиз сты Физикон-математикон лицей-интернаты 6-æм кълас. Ноджы ма иу сæрмагонд номинацийы хуыздæр разынд 7-æм скъолайы ахуырдзау Къалаты София. Фæнысан кæндзыстæм, æдæппæтæй æркасты бацархайдтой 3800 сывæллоны. Конкурсы сæйраг нысан - рæзгæ фæлтæрмæ патриотизм рæзын кæнын. Мадзал ацыд Дзæуджыхъæуы гарнизоны офицерты хæдзары. Кадджын уазджыты 'хсæн - Уæрæсейы хъайтар, «Альфа» къорды ветеран Андрей Кумов, Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæрмагонд хайады ветеран Владимир Легошип, хæдтæхджыты спорты дунейы 7 хатты чемпионкæ 1-æм къласы инструктор Светлана Капанина, «Наставники России» змæлды сæрдар Дмитрий Барахтов æмæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Регионы разамонæг фæнысан кодта, абоны бон Фыдыбæстæйы истори зонын æмæ йæ кæстæртæн дæттыны хъуыддаг ахсджиаг кæй у.