Цæгат Ирыстоны 2019 азы электронтыхы фиддонтæ фæфылдæр сты 500 милуан сомы бæрц
Цæгат Ирыстоны бюджетон куыстуæттæ 2019 азы электрон тыхы фиддонтæ бæстонæй баххæст кодтой. Æдæппæтæй сырæзтысты 500 милуан сомы бæрц. Пъланмæ гæсгæ бæрæггæнæнтæ æххæст кæнынц хъæууон хæдзарадон куыстуæттæ, федералон æмæ бынæттон бюджетæй чи пайда кæны, уыдон. Уыимæ ма цæрджытæ дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта «Цæгаткавказэнерго»-йы разамонæг Быгъуылты Сослан. Фиддонтæ хуыздæр æххæст кæнын кæй райдыдтой, уый æвдисæн у, респубикæйы хицауад ацы хъуыддагмæ йе `ргом кæй раздæхта. Уыимæ ма профилон куыстуат къуылымпытæ кæимæ `ййафы, ахæм уагдæттæ дæр ис. Сæ фылдæр цæрæнуæттæ коммуналон хæдзарады къабазы. Ивгъуыд аз фиддонтæ 58% фылдæр не схызтысты. Уыимæ ма хæсты бæрц фæкъаддæр кæныны фарстамæ æппынæдзух йе `ргом здахы республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны 2019 азы электронтыхы фиддонтæ фæфылдæр сты 500 милуан сомы бæрц
Категория:
Новости и СМИ