Нæ республикæйы пъæлицæйæгтæ цæстфæлдахæджы æрцахстой Пермы
Фарон æм æрбадзырдта йæ зонгæ, æмæ йын зæрдæ бавæрдта, æри сæ, æмæ ма сыл æз ноджыдæр бафтаудзынæн, зæгъгæ. Йæ цардæмбалимæ баууæндыдысты цæстфæлдахæгыл, æмæ сын уый се `вæрæнтæ равдæлон кодта. Фыдгæнæгыл дæргъвæтин рæстæг бахъуыд цуан кæнын. Сылгоймаг пъæлицæмæ куы фæхабар кодта, уæд йе `хцайыл йæ зæрдæ уыйас дæр нал дардта. Фарон æм æрбадзырдта йæ зонгæ, æмæ йын зæрдæ бавæрдта, æри сæ, æмæ ма сыл æз ноджыдæр бафтаудзынæн, зæгъгæ. Куыд нæ хъуамæ сцыбæл уыдаид! Йæ цардæмбалимæ аныхас кæныны фæстæ, уыцы «хæрзгæнæгæн» милуан æмæ `рдæгæй фылдæр сомы йæ фыццаг скодтой. Фæлæ уыйфæстæ уый æрбасатар æд æхца. Сæрмагонд мадзæлтты фæрцы барады кусджытæ бафтыдысты фыдгæнæджы фæдыл. Уый тыххæй сæ суанг Пермьмæ ацæуын бахъуыд. Цæстфæлдахæг разынд 36-аздзыд нæлгоймаг. Закъон фыццаг хатт нæ фехæлдта. Ныр та йæ Дзæуджыхъæумæ æрбалæууын кодтой. Сылгоймаг пъæлицæйæгты куыстæй разыйæ баззад. Аххосджыны ныр бафхæрдзысты Уæрæсейы Уголовон Кодексы 159-æм статьяйы 4-æм хаймæ гæсгæ. Гæнæн ис, æмæ нæлгоймаджы ахæстонмæ баппардзысты 10 азы `мгъуыдмæ æмæ йæ стыр ивар фæкæндзысты. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Нæ республикæйы пъæлицæйæгтæ цæстфæлдахæджы æрцахстой Пермы
Категория:
Новости и СМИ