Парти «Иугонд Уæрæсе» -йы уæнгтæ бабæрæг кодтой Дигорайы районы центрон рынчындон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Парти «Иугонд Уæрæсе» æххæст кæны проект «Народный контрол», зæгъгæ. Йæ ныхæс у товартæ æмæ лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ кæсын, стæй нæ бæстæйы нырыккон продукци фылдæр уагъд куыд цæуа, уымæн æххуыс кæнын. Проектмæ гæсгæ ма партийы уæнгтæ кæсынц хостæ, артаг æмæ æндæр продукцийы æргътæм, алыхуызон организацитæ сæ куыст куыд æххæст кæнынц, уымæ. Абон та проекты фæлгæты уыдысты Дигорайы районы центрон рынчындоны. Уым æркастысты медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинад, стæй кусæндоны уавæрмæ. Нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ дæр араст семæ æмæ нын бацæттæ кодта нæ дарддæры æрмæг Партийы минæвæрттæ лæмбынæг æркастысты, рынчындоны сывæллæтты хайад цы уавæры ис, уымæ. Хæрзæрæджы дзы цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты. Фæлæ, хъыгагæн, куыстытæ ранæй-рæтты, куыд æмбæлы, афтæ нæ сæххæст кодтой. Проекты архайджытæ æркастыты палатæтæм, сæ цæст æрдардтой хинайæн уат æмæ сывæллæтты хъазæн фæзмæ дæр. Уыимæ ма, сбæрæг кодтой, рынчындоны хæрæндоны куыст æмбæлгæ домæнтæм гæсгæ арæзт у, æви нæ, уый. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй раздæримæ абаргæйæ хайады уавæр фæхуыздæр, фæлæ ма дзы ис фиппаинæгтæ дæр. Партийы минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй хæрæндоны хойраг дарынц æмбæлгæ домæнтæм гæсгæ. Фæлæ сæм фарстатæ дæр бирæ баззад. Уыимæ ма, хъазæн уаты нæй æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй сывæллæтæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитой, уымæн. Хайады палатæтæ бындурон цалцæггонд рагæй нæ уыдысты, фæлæ сты сыгъдæг. Ифтонг сты ног хуыссæнгæрзтæ æмæ гобæттæй. Æдæппæтæй хайады ис 9 бынаты. Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй стыр къуылымпыдзинæдтæ не ййафынц. Партийы уæнгтæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй хайады хинайæн уаты уавæр зынгæ фæхуыздæр. Абон цы фиппаинæгтæ ссардтой, уыдоны тыххæй фехъусын кæндзысты рынчындоны хицауадæн. Уавæр хуыздæрырдæм раивдзæн æви нæ, уымæ та лæмбынæг сæ цæст дардзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Парти «Иугонд Уæрæсе» -йы уæнгтæ бабæрæг кодтой Дигорайы районы центрон рынчындон

Категория:

Новости и СМИ