Чи нæ кусы, уый бирæ хъалон фидæд
Уый тыххæй Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрад бацæттæ кодта æртæ закъоны проекты. Ныртæккæ зæххы хицæуттæ хъалон фидынц зæххы кадастрон аргъæн йæ 0,3%. Министрады йæ фæнд кæнынц 10 %-мæ фæфылдæр кæнын. Министр Александр Ткачевы ныхæстæм гæсгæ, ивддзинæдтæ хъуамæ зæххыты хицæутты кусынмæ сразæнгард кæной. Йæ зæххытæй чи нæ пайда кæны, уыдонæн сæ байсдзысты æмæ сыл бакусдзысты, кæнæ та йæ ауæй кæндзысты. Æдзæллаг æмæ æнæзылд зæххы хæйттыл нымад æрцæудзысты йе `ртыккæгæм хай хæмпæлгæрдæджы бын кæмæн фæци, уыцы фæзуаттæ. «Росреестр»-ы хыгъды ис хъæууон хæдзарады зæххыты 120 милуан гектары, 80 милуан гектарæн дзы ис хицæуттæ — фæлæ сыл нæ кусынц æмæ тыллæг нæ исынц. Иннæ 40 милуаны та, уæвгæдæр, сæ хицæуттæй ферох сты. Ног закъонмæ гæсгæ сын сæ айсдзысты æмæ сæ банымайдзысты муниципалон исбоныл. Ис ма иу ногдзинад — зæххытæ хаццоны исыны фæтк фенцондæр. Фæнд ма кæнынц æппæт барадон гæххæттытыл чи кусдзæн æмæ зæххытæм цæстдарæн федералон уагдон саразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чи нæ кусы, уый бирæ хъалон фидæд
Категория:
Новости и СМИ