Цымыдисаг балц
50 блогеры æмæ журналисты Уæрæсейы 15 регионæй фендзысты Цæгат Кавказы æппæты рæссугъддæр бынæттæ. Уый тыхххæй хъусын кæнынц цы сæрмагонд проекты фæлгæты архайдзысты, уый официалон сайты - «Маршруты России. Северный Кавказ», зæгъгæ. Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл федералон агентад сараздзæн этнотуристон экспедици. Журналисттæ æмæ блогертæ бабæрæг кæндзысты Хъæрæсе-Черкессийы хæххон бынат - Домбай æмæ къахдзоныхты курорт Архыз. Фæсивæдон форум «Машук»-ы архайджытимæ та æрныхас кæндзысты туризмы райрæзты фарстатыл. Уыимæ ма Европæйы æппæты бæрзонддæр хохы цъуппмæ схизын - Эльбрусмæ. Стæй фæнд кæнынц нæ республикæйы, Дæргъæвсы цы дзæппæзтæ ис, уыдон дæр фенын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цымыдисаг балц
Категория:
Новости и СМИ