Хуыцауы арфæйæ
Цæгат Ирыстоны æххастбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур Дзанайты Барис фембæлд Дзеранты Вячеславимæ. Нырæй фæстæмæ уый уыдзæн, Мадымайрæмы номыл Кулишкæты цы аргъуан ис, уымæн йæ ног разамонæг. Дзанайты Барис ын арфæтæ ракодта. Мæскуыйы ирон адæмæй бирæтæ цæрынц æмæ аргъуаны æмгуыстад семæ ахсджиаг хъуыддаг у. Алайнаг кæрт уырнæг адæмæн у сæ удыхос. Æрбацæуынц æм, Мæскуыйы чи ахуыр кæны, уыцы фæсивæд дæр. Дзеранты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, ахæм бæрнон бынаты кусын ын у стыр кад, фæсивæдæн раст фæндаг амонын та - стыр хæс. Хуыцаумæ кувыны фæткæн ис хицæн уагæвæрд. Ууыл дæр аргъуаны ног разамонæг бакусдзæн. Æрныхас ма кодтой Аланийыл аргъуыды 1100-йæм азы юбилеймæ цæттæгæнæн куыстыл. Кадджын мадзæлттæ нысангонд сты 2022-æм азмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуыцауы арфæйæ
Категория:
Новости и СМИ