Бирæ ахæсдзæн?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы администрацийы кусджытæ æнæзакъон базарад чи кæны уыдон сбæрæг кæныны нысанимæ сарæзтой æнæрадон рейд. Бæрнон кусджытæ æмæ барадхъахъхъæнджытæ сбæрæг кодтой Дзанайы æмæ Рæмоны-фыртты номыл уынгтæ. Ацы ран æппæты фылдæр аиппытæ ис. Бынæттон цæрджытæ хъаст кæнынц æнæзакъон сæудæджергæнджытæ сæ рудзгуыты бын бырондон кæй аразынц, уымæй. Уыимæ уæйгæнджытæ бынат хаццоны нæ исынц - ома хъалон нæ фидынц. Сæ аххосæй адæм сæ хæдтулгæтæ, кæм не `мбæлы уым ныууадзынц. Уый та фæндаджы змæлдыл дæр хуыздæрырдæм нæ ахады. Дзæуджыхъæуы администраци тох кæны закъонхалджытимæ, фæлæ та рейдты фæстæ ногæй фæзынынц. Амалхъом адæмы нæ уромынц ивартæ дæр. Закъоны сæрты иу хаттæй иннæ хаттмæ чи ахизы, уыдоны ивар фидын бахъæудзæн 2000 мин сæмæй 5000 мин сомы онг. Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы администрацийы префекты фыццаг хæдивæг Дзотты Ацæмæз: «Ныртæккæ ам æрвылбон араздзыстæм æппæт хъæугæ мадзæлттæ цæмæй æнæзакъон базарадон куыст уынгты арæзт ма цæуа. Кæй зæгъын æй хъæуы уæйгæнджыты фæстæ бирæ бырондон æмбырд кæны уый та раст нæу». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Бирæ ахæсдзæн?

Категория:

Новости и СМИ