Цæгат Кавказы федералон зылды туризмы рæзты сæйраг пъланы фæлгæты æххæст кæндзысты мадзæлттæ
Информацион сервистæ туристтæн, ног инфраструктурæ æмæ специалистты цæттæдзинад. Ацы мадзæлттæ æххæст кæндзысты Цæгат Кавказы федералон зылды туризмы рæзты сæйраг пъланы фæлгæты. Сæ фæрцы туристты нымæц Цæгат Кавказы регионты фæфылдæр уыдзæн. Уæвгæ уый размæ уал хъæудзæн транспортон инфраструктурæйыл бакусын æмæ рекреацион объекттæн инвентаризаци скæнын. Ахсджиаг у дæсны специалистты бацæттæ кæнын. Фысымуæттæ æмæ хæрæндæтты сервис хъуамæ уа æмбæлгæ æмвæзадыл. Бакусын хъæудзæн культурон-бæстæзонæн, хæринаггæнæн æмæ сывæллæтты туризмимæ баст программæтыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Кавказы федералон зылды туризмы рæзты сæйраг пъланы фæлгæты æххæст кæндзысты мадзæлттæ
Категория:
Новости и СМИ