Фæндагтыл цæуыны уаггæвæрды ивддзинæдтæ
Уæрæсейы ныффидар кæндзысты фæндæгтыл цæуыны тыххæй ног домæнтæ. Уыдонмæ гæсгæ фæндагыл æнæмæнг хъуамæ пайда кæной сæрмагонд уæлæдарæсæй. Ацы ногдзинад фæзындзæн 18 мартъийы. Æхсæвы фæндаггон фыдбылызы цы шофыртæ бахаудтой, кæнæ та истæй тыххæй чи баурæдта фæндагыл, уыдон хъуамæ машинæйæ æнæ ацы дарæс ма рахизой. Кæд боныгон дæр фæндаг æвзæр зына, уæддæр хъуамæ ацы домæн æххæстгонд цæуа. Ахæм уынаффæ рахаста Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев. Талынджы шофыртæ хæдтулгæтæй куы рахизынц, уæд иннæ бæлццæттæм нæ фæзынынц, æрцæуы фыдбылызтæ. Ацы ногдзинад хъуамæ, æхсæвыгон цы фæндаггон бæллæхтæ рцæуы, уыдоны бæрц фæкъаддæр кæна. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæндагтыл цæуыны уаггæвæрды ивддзинæдтæ
Категория:
Новости и СМИ