Пъланмæ гæсгæ
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз кусæг балцы уыд республикæйы районты. Бæрæг кæны, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты арæзтад. Дзæуджыхъæуы дæр бабæрæг кодта цалдæр бæстыхайы. Пъланмæ гæсгæ цæуынц куыстытæ, æви нæ, уый базыдта нæ уацхæссæг Биджелты Бертæ дæр. Дæттæм ын ныхасы бар. Республикæйы социалон бъектты арæзтадмæ ис уæлдай цæстдард. Радон хатт та сæ бабæрæг кодта хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Райдыдта национ музейæ. Ам куыстытæ цæуынц пъланмæ гæсгæ, куыд æмбæлы афтæ. Ныридæгæн рахызтысты мидæггаг аивгæнæн куыстытæм. Бæстыхай сцæттæ уыдзæн ацы азы кæронмæ. Музейы иннæ блок æмæ зæронд бæстыхайы рацарæзтмæ та бавналдзысты иннæ аз. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, уымæ бюджетæй æхцайы фæрæзтæ радих кæндзысты. Куыстадон балцы хицауады сæрдар бабæрæг кодта хæдзар-интернат "Забота" дæр. Ам кæронмæ фæхæццæ кæны хуыссæнуатты корпусы арæзт. Уыдзæн дзы 76 бынаты. Хуысæнуаттæ æмæ хинайæн бынæттæ дзы уыдзæн хуысгæ рынчынтæн дæр. 1-æм ноябрмæ куыстытæ иууылдæр фæуыдзысты. Тарниздзæбæхкæнæн диспансЕр дæр поселок Южныйы æмгъуыдмæ гæсгæ фæцæттæ кæны. Бæстыхайы кусынц 600 адæймаджы. Ныртæккæ бæстыхайы сцæттæ сты 2 блокы фæйнæ 2 корпусимæ. Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц сæйраг блочы. Уым ис 6 корпусы. Уыдзæн дзы рынчынты исæнуат, медицинон академийы кафедрæ, хистæрты æмæ сывæллæтты поликлиникæ. Тускъаты Таймураз æркаст Дзæуджыхъæуы 18-æм микрорайоны 280 бынатæн сывæллæтты рæвдауæндоны, стæй 12-æм микрорайоны 500 бынатæн скъолайы арæзтадмæ дæр. Ам дæр куыстытæ цæуынц пъланмæ гæсгæ. Суанг ма скъоламæ хæстæг фæндæгтæ дæр цалцæг кæнынц. Ацы азы кæрон скъола сцæттæ уыдзæн. Сывæллæттæн та йæ дуæрттæ байгом кæндзæн ног ауыры аз. Дзæуджыхъæуæй премьер абалц кодта Рахизфарсы районмæ. Заманхъулы федта, куыд цæттæ кæнынц 800 квадратон метрыл хъазæн фæз сывæллæтты спортивон-дзæбæхгæнæн комплексимæ æмæ культурæйы хæдзар 100 бынатæн. Беслæны Тускъаты Таймураз æркаст бирæуæладзыгон хæдзары арæзтадмæ. Цæттæ йæ кæнынц кæлæдздзаг хæдзæртты цæрджыты ногтæм раивыны программæмæйы фæлгæты. Хицауады сæрдаримæ бæстыхай бабæрæг кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры фыццаг хæдивæг Хъуппеты Тæирæ. 60 фатеры уыдзæн ног хæдзары Беслæны. Бæстыхай сцæттæ уыдзæн азы кæрон. Ныртæккæ дзы æхгæнынц æртыккаг уæладзыг. Æрæфы районы премьер бабæрæг кодта дыууæ культурæйы хæдзары æмæ сывæллæтты æмæ æрыгæтты сæрмагонд скъола. Æмткæй райсгæйæ , Тускъаты Таймураз арæзтадон æмæ цалцæджы куыстытæй разыйæ баззад. Зæрдæ бавæрдта, дарддæр дæр йæ цæст кæй дардзæн социалон объекттæм, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Пъланмæ гæсгæ
Категория:
Новости и СМИ