Нымæцты 'взагæй
2019-æм азы январы æгас бæстæ дæр хъуамæ рахиза нымæцон телеуынынадмæ. Уыцы куыст бакæндзысты къæпхæнгай. Ууыл ныхас кодтой, Алагиры цы сæрмагонд æмбырд сарæзтой, уым. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, нымæцон хуызы телеуынынады кадрты хæрзхъæддзинад уыдзæн дзæвгар хуыздæр. Раздæр дыууæ-æртæ телеканалы кæм куыста, уыцы районты дæр каналты нымæц схæццæ уыдзæн 20-мæ. Уыдзысты æппæтуæрæсеон. Телеуынынады ног хуызæн æрмæст хъæудзæн сæрмагонд нымæцон уæлæфтуан балхæнын. Уый тыххæй телеуынынад æмæ радиойы хызæджы республикон хайад аразы æххуысхъуаг бинонтæм фæкæсыны акцитæ. Зæгъæм, хæстæгдæр рæстæджы Алагиры районы 30 бинонтæ райсдзысты ахæм уæлæфтуантæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Нымæцты 'взагæй
Категория:
Новости и СМИ