Дзæуджыхъæуы цæрджытæн сарæзтой æрфарст, Терчы был цы æнæарæзт бæстыхай лæууы, уым цы хъуамæ фæзына,
Уыцы бæстыхайы хъуамæ фæзына Æппæтадæмон æмгуыстады центр. Уыдзæн дзы сывæллæтты ирхæфсæн комплекс дæр. Сæрмагонд сайты снысан кодтой, цæрджытæ йæм цы цæстæй кæсынц, уый базоныны тыххæй æрфарст. Æцæудзæн 20-æм октябрмæ. Бæстыхай та хъуамæ арæзт фæуой цалдæр азы фæстæ. Арæзт уыдзæн дыууæ хайæ. Ирхæфсæн центр - йæ фæз 5 мины æмæ 50 квадратон метры, æмæ дзы фæнд кæнынц сывæллæттæн дæр комплекстæ саразын. Иннæ хай - Административон, 12 уæладзыджы æмæ зæххы бын хæдтулгæтæн лæууæн бынатимæ. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, бæстыхайæн йæ архитектурон мидис у - Дзæджыхъæуы æддагбакаст ног хуызтæй саив кæнын. Проекты фæлгæты бæстыхай хъуамæ, йæ алфамбылай цы ландшафт ис, уымæй ма хицæн кæна. Терчы был кæй ис, уый та, дам, ын уæлдай авидзинад ратдзæн. Цы арæзтадон компани йæ аразы, уый фæнды, цæмæй фидæны æмгуыстады центр уа, республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ се`ргом кæдæм аздахдзысты, ахæм бынат. Уый тыххæй сæ бахъуыди ахæм æрфарст саразын. Мах дæр ацы хъуыддаг сцымыдис кодта. Дзæуджыхъæуы цæрджыты нæхæдæг бафарстам, цы сæ фæндид уыцы æнæарæзт бæстыхайы бынаты фенын. Цавæр дзуæппытæ нын радтой, уымæ ма байхъусæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы цæрджытæн сарæзтой æрфарст, Терчы был цы æнæарæзт бæстыхай лæууы, уым цы хъуамæ фæзына,
Категория:
Новости и СМИ