Къæхты бынмæ кæс
Терчы былгæрон — Дзæуджыхъæуы фидауц. Изæрыгон дзы сабыргай атезгъо кæнын бирæтæн удæнцой у. Горæты цæрджытæн уарзон бынат у, уæлдайдæр хъарм рæстæг куы ралæууы уæд. Чи йæ цотимæ, чи велосипедыл дыууæрдæм кæнынц. Æрвылаз доныбыл вæййынц алыхуызон концерттæ дæр. Лæмбынæг æркæсгæйæ та цæст æрмæст рæсугъддзинадыл не `рхæцы. Разынынц аиппытæ дæр. Хидты æнцойгæрæнтæ саст, асфальт нæй, фæндаг дзыхъхъытæй нал зыны. Ахæм уавæрты æрдзы рæсугъддзинад нал `ндавы, сæйрагдæр свæййы фæндагыл æдасæй ацæуын. Хæрз æрæджы «Æнцонвадат цардыархайды» федералон программæмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæ схъæлæс кодтой Къостайы улæфæн паркмæ куыд базилой, ууыл. Ныридæгæн дзы куыстытæ райдыдтой. Горæты администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй иннæ фæлладуадзæн бынæттæ дæр рохуаты кæй нæ баззайдзысты. «Алы фæзуатмæ дæр каст цæудзæн æмæ сыл фидæны бæстонæй бакусдзыстæм. Хъæлæсгæнгæйæ цы бынæттæ равзæрстам, уыдонмæ сæрмагонд цæстдард уыдзæн. Иннæ азæй 22-æм азмæ нæ бæрны уыдзысты. Фæнд кæнæм Терчы былгæрæттæм, Бутырины уынгмæ, Жуковскийы æмæ Маяковскийы номыл паркттæм базилын», — Дзæуджыхъæуы цъæхфæлысты æмæ аивдзинады Управленийы хицау Бицъоты Сослан. Былгæрон рацаразын кæй сфæнд кодтой, уымæй æдасдæр нæ фæци. Уавæрыл хъæуы биноныгæй бакусын. Бирæ рæтты дзы бырутæ дæр нæй, Терчы дон та къæхты бын гуылф кæны. Знаггадгæнджытæм цæмæдæр хорз кæсы бетонæй конд æнцойгæрæнтæ донмæ калын. Сæхи афтæмæй ирхæфсгæйæ, æвæццæгæн, пайдайаг хъуддæгтæй сæ зæрдыл ницы æрлæууы. Фæстиуджытыл хъуыды дæр нæ акæнынц. Фыдбылызы сæхæдæг кæй бахаудзысты, уый не 'мбарынц. «Уыцы фарстатыл нæм уыд æмбырд. Нæ кусджытæ æрзылдысты Терчы былгæрæттыл æмæ сбæрæг кодтой бакусинаг участоктæ. Зæрдæхсаинаг æмæ бакусинаг бынæттæ дзы уæвгæ ис. Аразæм мадзæлттæ цыбыр рæстæгмæ сæ аиуварс кæнынæн», — Дзæуджыхъæуы цъæхфæлысты æмæ аивдзинады Управленийы хицау Бицъоты Сослан. Дзуаппдæттæг бæрнон кусджытæ — ныхас радтой. Ныр йæ хъæуы сæххæст кæнын. Адæм уарзон улæфæн бынæтты æдасæй куыд цæуой, талынджы сын дзыхъхъы ныххауынæй тæссаг куыд нæ уа æмæ ма æндæр фарстатæ банывыл кæнынæй зæрдæ бавæрдтой. Цæмæй адæймаг фæндагыл къæхты бынмæ нæ, фæлæ нæ рæсугъд хæхтæм фæлгæсгæйæ цæуа. Зыхъуаты Жаннæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Къæхты бынмæ кæс
Категория:
Новости и СМИ