Фæндараст, скъола!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Куыд нæ бæстæйы æппæт скъолаты, афтæ Цæгат Ирыстоны скъолаты дæр абон азæлыд фæстаг дзæнгæрæг. 200 скъолайы рауагъдонтæ æрлæууыдысты царды уæрæх фæндагыл. Уыдонæй 4 мин ахуырдзауы фесты 11 къласы. Райсомы 9 сахатыл республикæйы скъолаты фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбонмæ æрмæст ахуырдзаутæ не рбацыдысты, фæлæ ма сæ ахуыргæнджытæ æмæ сæ ныййарджытæ. Рауагъдонтæн бацæттæ кодтой концертон программæтæ. Зæгъæм, Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм скъолайæ музыкæ дардмæ хъуыст. Кæрты фæсивæд кафыдысты æмæ зарыдысты. Рауагъдонтæй йæхи хуыздæр чи равдыста, ахуыры æмæ спорты йæ къухы æнтыстдзинæдтæ кæмæн бафтыд, уыдоны фыццагкъласонтæ схорзæхджын кодтой майдантæй. Фæткмæ гæсгæ, рауагъдонтæн арфæ кæнынмæ æрбацæуынц депутаттæ, районы æмæ горæты администрацийы минæвæрттæ. Сывæллæтты ныхæстæм гæсгæ, сæм ацы бон алыхуызон æнкъарæнтæ вæййы. Иуæй-иутæ сæ цæссыгтæ дæр нæ бауромынц. Бæлвырд фæткмæ гæсгæ-иу фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбон уыд 25 майы. Фæлæ уыцы бон, 9-æм къласы ахуырдзаутæм фæлварæнтæ кæй ис, уымæ гæсгæ йæ иу бон раздæр фæкодтой. Скъолаты кадджын мадзæлттæ куыддæр фесты, афтæ Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгты та адæмон хъæзтытæ бацайдагъ. Райсом та райдайдзысты фæлварæнтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фæндараст, скъола!

Категория:

Новости и СМИ