Тæрхондоны æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы гарнизоны тæрхондоны дарддæр кæсынц Æлбегаты Зелим æмæ Сланты Асланы хъуыддагмæ. Куыд хъусын кодтам, афтæмæй сæ азымджын кæнынц, Цхинвалы 4-æм гарнизоны офицерты фæнæмынæй. Ацы сахат тæрхондоны æмбырд кæронмæ ахæццæ. Нæ уацхæссæг Гогаты Марат куыд хъусын кæны, афтæмæй та раздæрау тæрхондоны дуармæ æрæмбырд сты лæппуты ныййарджытæ, хиуæттæ, фенæн дзы ис политиктæ æмæ æхсæнадон архайджыты, стæй хуымæтæг адæмы. Æмбырды райдиан азымы дарæг прокурор тæрхонгæнæгмæ курдиат балæвæрдта, цæмæй процесс банымайа æхгæдыл. Бавдыста, офицертæм, дам, æртхъирæн кæм кæнынц, ахæм æрмæджытæ. Лæппуты адвокаттæ уыимæ не сразы сты, банымадтой сæ æнæзакъоныл. Цæмæй азымы дарджытæ ахæм митæ мауал кæной, уый тыххæй тæрхонгæнæгæй бадомдтой прокуроры аивын. Уыдæттæ нæ хынцгæйæ, тæрхонгæнæг амынд æрмæджытæ хъуыддагмæ бафтыдта. Фæстæдæр ацыд уынаффæгæнæн уатмæ. Куы рацыд, уæд фехъусын кодта, процесс кæй æхгæны, уый тыххæй. Журналисттæ æмæ æмбырды уæвджытæ райдыдтой номхыгъдтæ аразын, цæмæй сæ æхсæнадон хъахъхъæнджытыл банымайой. Нæ уацхæссæгæн бантыст лæппуты адвокатимæ аныхас кæнын æмæ нын мæнæн цы радзырдта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Тæрхондоны æмбырд

Категория:

Новости и СМИ