Цæгат Ирыстон райста 57 ног автобусы
Цæгат Ирыстон райста 57 ног автобусы. Иууылдæр рацæудзысты районты 'хсæн социалон ахсджиаг маршруттæм. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта республикæйы сæргълæуæг Сергей Меняйло. Хæдтулгæтæ æрбарвыстой Транспорты лизингы паддзахадон компанийæ, горæты пассажирон транспорт сног кæныны инвестицион проекты æххуысæй. Автобусты ис æнæрмæджы хыгъдæй фидыны æмæ телефон сифтындзыны фадат, уымæй уæлдай, тахографтæ, видеоцæстдарды системæ æмæ ГЛОНАС. Уæдæ хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн дæр транспорты аккаг уавæртæ ис. Уымæй уæлдай, Дзæуджыхъæу лизингы æххуысæй муниципалон маршруттæн балхæдта 28 машинæйы æмæ ма афæдзы кæронмæ, къазнайы сæрмагонд кредитты фæрцы, ноджыдæр 32 автобусы райсдзысты. Æхсæнадон транспорты куысты фарста ног нæу, аиппытæ дзы бирæ ис: адæмы автобусмæ æнхъæлмæ кæсын дзæвгар бахъæуы, маршруткæтæй бирæтæ сты зæронд æмæ зынвадат, кæмдæр та транспорт уæвгæ дæр нæ фаг кæны.