Цæгат Ирыстоны райдыдта «Этнолагерь-2019», зæгъгæ, культурон ахуырадон курс
Цæгат Ирыстоны 9 бæстæйы минæвæрттæ базонгæ уыдзысты сæ рагфыдæлтæ - Аланты культурæ æмæ æвзагимæ. Республикæйы уыдзæн «Этнолагерь-2019», зæгъгæ, сæрдыгон культурон-ахуырадон курс. Уазджытæ ссæудзысты Гуырдзыстон, Ирланди, Турк æмæ Сирийæ. Уый тыххæй агендад ТАСС-æн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны национ ахастдзинæдты хъуыддæгты министр Цуциты Аслан. «Этнолагерь»-ы фыццаг рад ахæсдзæн 29-æм июлæй 4-æм августмæ. Дыккаг рад - 5-æмæй 11-æм августмæ. Министр куыд бафиппайдта, афтæмæй дзы ирон фæсивæдæй архайын бафæндыд 48-ы. Цæрынц æндæр бæстæты æмæ Уæрæсейы алы горæтты. Мадзалы архайджытæн Цæгат Ирыстоны бацæттæ кæндзысты цымыдисаг экскурситæ музейтæ æмæ нæ республикæйы рæсугъдæр бынæттæм. Уымæй уæлдай ма сын сараздзысты дæсныйад æвдисæн ахуыртæ ирон чъиритæ фыцынæй, зарынæй æмæ кафынæй. Ацæудзысты Хуссар Ирыстонмæ дæр. «Этнолагерь» фыццаг хатт сарæзтой 2015 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны райдыдта «Этнолагерь-2019», зæгъгæ, культурон ахуырадон курс
Категория:
Новости и СМИ