Æрыдоны цæрджытæй курынц хи хъармгæнæнтæ сæвæрын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Нырма сæрдыгон бонтыл цин кæнæм, фæлæ зымæгæн дæр йæ рад æрхæццæ уыдзæн. Уый тыххæй хъармгæнæн рæстæгмæ нæ республикæйы бæстонæй цæттæ кæнынц. Дзæуджыхъæу æмæ районты бирæфатерон хæдзæртты зилынц хъармгæнæн системæтæм. Се `хсæн - Æрыдоны цæрджытæ дæр. Ам бавдæлдысты, æмæ егъау хъармгæнæны бæсты адæмæй курынц хи хъармгæнæнтæ æвæрын. Æрыдоны Пролетараг уынджы цæрджытæ ныр æнæхъæн мæй ивынц сæ хъармдæттæн системæ. Ивгъуыд зымæг хæдзæртты хорздзинадæн куыста иумæйаг хъармгæнæн. Фæлæ 1-æм июны бæстыхай сæхгæдтой. Ныртæккæ уал хъармгæнæн гæрзтæ райста 111 фатеры бинонтæ. Администрацийы ма æнхъæлмæ кæсынц 49-мæ, цæмæй сыл сæ байуарой. Йæ хъармгæнæн системæ фыццæгты `хсæн чи баивта, уыдонæй иу - Харебаты Федор. Куыд зæгъы, афтæмæй сын æфзарыны бар нæ радтой: кæнæ хъармгæнæн ивыс, кæнæ та зымæджы уазалæй сæлдзынæ. Абайты Нинæ та цæры иунæгæй. Лæваргонд хъармгæнæн гАрзыл тынг бацин кодта. Фæлæ дарддæры куыстытæ æмæ хæрдзтæ сылгоймагæн сæххæст кæнын йæ къух нæ амоны. Фæкастысты йæм йæ хæстæджытæ. Æрмæст ног гАрзимæ архайыныл нæм фæцалх. Хæдзæртты цæрджытæ ахæм æнæнхъæлæджы ивддзинæдтæм цæттæ нæ разындысты. Стæй бынæттон администрацийы уынаффæимæ дæр æххæстæй разы не сты. Хъармгæнæн гæрзтæ цæрджытæм кæд лæвар æрхаудысты, уæд сæ сæвæрыны хæрдзтæ иууылдæр хъуамæ сæхæдæг бафидой. Ахæм хæрдзтæ бирæты дзыпп амонгæ дæр нæ кæны. Ног ивддзинæдтæ пайда уыдзысты æви нæ, уый зымæджы сбæрæг уыдзæн. Адæм æм сæхи цæттæ бæргæ кæнынц, фæлæ æдас дæр не сты. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ хи хъармгæнæнтæ æвæрынмæ бавнæлдта. Куыстытæ бабар кодтой, кæмæн æмбæлы, уыдонæн. Фæнды сæ, цæмæй сæ амцъыкк-уымцъыкк кæндтытæ мачи бакæна. Къуымæллæггаты Фатимæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрыдоны цæрджытæй курынц хи хъармгæнæнтæ сæвæрын

Категория:

Новости и СМИ