Уæрæсейы бакусдзысты ахуыргæнджытæн мызд нысан кæныны фæткыл
Ахуыргæнджытæн мызд нысан кæныны фæткыл бакусдзысты æмæ йæ фæхуыздæр кæндзысты. Ахæм уынаффæ рахаста бæстæйы президент Владимир Путин. Уый тыххæй хъусынгæнинаг фенæн ис Кремлы сæрмагонд сайты. Владимир Путины хъуыдымæ гæсгæ æргом аздахын хъæуы ахуыргæнджыты фæлтæрддзинады райрæзты национ системæмæ. Ацы фарстайыл бакусын бафæдзæхста Уæрæсейы ахуырады министрадæн, стæй регионты разамындæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv