Дзæуджыхъæуы сывæллæтты лагеры 2 аг сменæ хæссы Хетæгкаджы Къостайы ном

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

2019 азы Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц зындгонд фыссæг Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилей. Бæрæгбоны агъоммæ нæ республикæйы аразынц алыхуызон сæрмагонд мадзæлттæ. Сæ фылдæры фæсивæд архайы. Зæгъгæм, Дзæуджыхъæуы сабиты сæрдыгон лагертæй иуæн йæ радон сменæ хæссы Къостайы ном. Ирон хъазт æмæ хъæлдзæг зарджытæ айхъуысыдысты сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Афтæ абон байгом кодтой сывæллæтты лагерьы 2 сменæ. Ацы хатт йын ис цымыдисаг темæ. Снысан æй кодтой Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилеймæ. Сменæйæн Цæгат Ирыстоны номдзыд фыссæджы ном кæй саккаг кодтой, уый бæрæг уыдзæн йæ куыстыл дæр. Алыхуызæн конкурстæ æмæ викторинæтæй уæлдай ма сывæллæтты хъазты хуызы зонгæ кæндзысты Хетæгкаты Къостайы уацмыстимæ. Йæхи хуыздæр цы къорд равдиса, уыдоны та лагерьты хистæртимæ арвитдзысты Къостайы райгуырæн хъæумæ балцы. Лагерьы архайы 130 сывæллоны. Ис дзы 6 къорды. Алы аз сабиты нымæц кæны фылдæр. Æмæ уый у хорз æвдисæн. Лагерьы куысты сæйраг нысан у сывæллæтты сæрдыгон улæфæн бонты æнæ фæкæсæгæй ма ныуадзын. Уымæй уæлдай ма хъæуы алы бон дæр пайдаимæ æрвитын. Уымæн æххуыс кæнынц хистæртæ. Уыдон дæр лагерьы куысты райдайæнмæ фенхъæлмæ кæсынц суанг зымæгæй. 2 сменæ кусдзæн 18 боны. Уыцы рæстæгмæ сабитæн бацæттæ кодтой экскурситæ æмæ алыхуызон ахуырадон мадзæлттæ. Сæ сæйраг нысан - раздахын сывæллæты æргом ирон æвзаг æмæ культурæмæ. Къуымæллæггаты Фатимæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы сывæллæтты лагеры 2 аг сменæ хæссы Хетæгкаджы Къостайы ном

Категория:

Новости и СМИ