Расул Гамзатовы райгуырдыл сæххæст 95 азы
Расул Гамзатовы райгуырдыл сæххæст 95 азы. Цæгат Ирыстоны йæ хорз зонынц, бирæтæн уарзон поэт у. Йæ рæстæджы Цæгат Ирыстоны куы уыд, уæд федта Газдæнты æфсымæртæн цыртдзæвæн. Йæ зæрдæ йын сæнкъуысын кодта, ахæм арф фæд дзы ныууагъта æмæ ныффыста йæ хъуыстгонд æмдзæвгæ. Фæстæдæр дзы рауад зарæг. Чи йæм фæхъусы, уыдонæй кæй зæрдæмæ нæ бахъары, ахæм стæм разындзæн. Бирæтæ сæ цæссыг дæр нæ фæуромынц. Расул Гамзатовы номыл абон Дзуарыхъæуы, Гæздæнты 7 æфсымæры цыртдзæвæны цур уыд кадджын мадзал. Йæ саразыныл бацархайдта Цæгат Ирыстоны хæлардзинады хæдзар. Æрбахуыдтой Дагестайнаг æхсанады сæргълæууæджы. Мадзалмæ æрбацыд бирæ сывæллæттæ, фæсивæд. Кастысты поэты æмдзæвгæтæ, радзырдтой йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Республикæйы хæлардзинады хæдзары сæргълæууæг Кочиты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, Расул Гамзатовæн Цæгат Ирыстоны стыр кад кæнынц. Йе мдзæвгæтæ та сты зондамонæг æмæ хæлардзинад тауæг._ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Расул Гамзатовы райгуырдыл сæххæст 95 азы
Категория:
Новости и СМИ