Ахæм хабæрттæ // 11 марта 2020
Фæстаг хатт ма сцалцæг кодтой раст 1975 азы. Республикон психиатрион рынчындоны хайæдтæ бындуронæй рацарæзтой. Цалцæггæнæн куыстытæн республикон æмæ федералон бюджеттæй рахай кодтой 30 милуан сомы. Информацион технологитæ нырытæккæйы царды цавæр бынат ахсынц? Ацы фарстайыл ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны æмæ Белоруссийы минæвæрттæ. Телебастдзинды хатдзæгты тыххæй радзурдзыстæм. Ног ахуырадон методикæтæй куыд пайда кæнын хъæуы бæстондæр, скъоладзауты ахуырады хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр кæнынæн цавæр уавæртæ скæнын хъæуы. Цæгат Ирыстоны скъолаты разамонджыты хæдивджытæн сарæзтой ахуырадон курсытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 11 марта 2020
Категория:
Новости и СМИ