Бирæ нал хъæуы
Таймазты Артур æмæ Æлбегаты Барис æркастысты Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы аивгæнæн куыстытæм. Кæнынц сæ парти "Иугонд Уæрæсе"-йы проект "Городская среда"-йы фæлгæты. Хъуамæ базилой 44 объектмæ. Се фыццаг - центрон парк. Ныртæккæ æмбæрзынц асфальт, фидар кæнынц нырыккон рухсдæттæг системæтæ, бандæттæ, бырæттæн урнæтæ, садзынц къутæртæ æмæ талатæ. Æркæсдзысты теннисæй хъазæн кортты уавæрмæ дæр. Спортивон фæзтæ фестырдæр кæндзысты. Проект æххæстгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, парчы æрмæст фæлладуадзæн бынæттæ хъуамæ ма уа, фæлæ ма спортивон фæзтæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бирæ нал хъæуы
Категория:
Новости и СМИ