Экстремалон уавæрты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Авджы сæстытæ, чъизи æмæ алыхуызон хауæццæгтæ. Фæлæ бырондоны кой нæ кæндзыстæм. Ахæм уавæры ныртæккæ ис Дзæуджыхъæуы скейт-парк Чкаловы номыл хиды бын. Чи дзы архайы спортæй, уыдон сæ фæзмæ базилынц, фæлæ та дзы иннæ бонмæ æбæрæг адæм хуыдон ацаразынц. Кæдмæ ма, цымæ, зæгъгæ, фæсивæд арвмæ асинтæ амайынц. Æххуысагур рацыдысты. Фæлæ сæ сæрыл чи рахæца, ахæм нæма разынд. Гогаты Маратмæ - бæлвырддæр хабæрттæ. Ахæм сæрбихъуырæйттæ Тинаты Георгий фыццаг хаттæн акæны. 15 азы архайы ахæм экстремалон спорты хуызæй. Алы бон дæр æрбацæуы ардæм - скейт фæзмæ Чкаловы номыл хиды бынмæ. Ам йе `мбæлттимæ æрæмбырд вæййынц æмæ ног трюктæ ахуыр кæнынц. Фæлæ фæсивæдæн ам бынат нал ис. Хъуыддаг афтæ у, æмæ æхсæвыгон кæм цы уынджы баззаинаг ис, уыдон дзы æрривæд кæнынц. Сæ фæстæ быронæй фæз нал фæзыны. Сывæллæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын сæ фæстæ ссарынц карз нозты æвгтæ, шприцтæ, дохтыр кæй нæ рафыссы, ахæм цæмæндæртæн, æвæццæгæн, зæгъæн æмæ `вдисæн кæмæн нæй, уыдæттæ, стæй хæцæнгарзы нæмгуытæ. Сæ къухтæ нæ лæууыдысты, æмæ рухсыты æвгтæ фехстой. Сывæллæттæ фæз сыгъдæгæй дарын куы бадомынц сæ æнæхуынд уазджытæй, уæд сæм уыдон бододой кæнынц. Гæнæн сын нал вæййы, æмæ сæхæдæг æфснайыныл балæууынц. Куыд рабæрæг, афтæмæй ма ацы фæз æнæхицау дæр у. Ныр сывæллæттæ æххуысагур сæхи аппæрстой социалон хызтæм. Фæкæсæг дæр сæм разынд. Хæрзгæнджытæн сæ бон куыд у, афтæ æххуыс кæнынц. Спорты министрады дæр сын ныфсытæ `вæрынц. Спортæй архайынмæ нын ам æппындæр ницы уавæртæ баззад. Иннæтæ алыхуызон ерысты цы трюктæ равдисынц, уыдонæн сæ фылдæр махæн нæ къухы не `фты. Цыдæртæ нын бантысы, фæлæ сæ ацы гæрзтыл кæнын тæссаг у. Иннæ горæтты дзæвгар хуыздæр сты, кусын сыл æнцон у. Цæф дæр дзы нæ фæуыдзынæ. Ныййарджытæ дæр ардæм æрбацæуынц, сæ сывæллæтты сын ацы спортыл фæцалх кæндзысты, зæгъгæ. Фæлæ сын дзы ницы рауайы. Фæсивæды сæхи дæр фæнды ам алыхуызон ерыстæ аразын, фæлæ сæм худинаг кæсы æндæр горæттæй спортсменты ардæм æрбахонын. Сæхæдæг сæ фæзыл бæргæ ахуыр сты, фæлæ йын исчи йæ уындæй фесхъиудзæн. Уæвгæ, искæд бон фæсивæд хæрдмæ фырцинæй гæппытæ кæндзысты, уый ма сæ уæддæр уырны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Экстремалон уавæрты

Категория:

Новости и СМИ