Тарскæйы скъолайы байгом рагон ирон музыкалон инструменттæ аразыны æрмадз
Тарскæйы 1-æм скъолайы хæрзæрджы байгом сфæлдыстадон æрмадз. Сабиты дзы ахуыр кæнынц рагон ирон музыкалон инструменттæ аразыныл. Æрмадз фæзынд Деметы Зауыры хъæппæрисæй. Скъоладзауты канд инструменттæ хи къухтæй аразыныл нæ ахуыр кæны, фæлæ ма сыл цæгъдын дæр. Гыццыл чызг дыууадæстæнон фæндырыл цæгъдгæ ныр стæм хатт фенæн ис. Рагон инструментыл Дзæгъойты Миланæ тынг цымыдисæй ахуыр кæны. Цæмæй цæуы дæ зæрдæмæ, зæгъгæ, йæ куы бафæрсай, уæд йæ дзуаппыл иу уысм дæр нæ фæдызæрдыг кæндзæни. Ацы сфæлдыстадон къорды сабиты канд рагон музыкалон инструменттыл цæгъдын нæ ахуыр кæнынц, фæлæ ма сæ хи къухтæй аразыныл дæр архайынц. Дыууадæстæнон, дала-фæндыр. Кæд дыууæ къуырийæ йеддæмæ нæ архайынц, уæддæр инструменттæ æмбырд кæнын базыдтой. Рагон ирон музыкалон инструменттæ аразыныл сабиты ахуыр кæныны хъуыды разынд Деметы Зауырмæ. Цалдæр азы дæргъы йæхæдæг дæр уыцы куыст кодта. Тынг æй фæндыд, нæ рагфыдæлты традицитæ дарддæр кæстæр фæлтæртæн хæссын æмæ йын ныр ахæм фадат фæцис. Тарскæйы скъолайы байгом кодта æрмадз. Ныртæккæ йæм уæынц 5 къласæй. Алкæй дæр дзы фæнды хи къухтæй инструменттæ аразыны сусæгдзинæдтæ базонын, стæй ма сыл цæгъдын дæр сарæхсын. Алкæмæдæр дзы ДеметыЗауыр лæмбынæгæй йæ цæст дары. Æрмадз Деметы Зауыр сифтонг кодта йæхи хъарутæй. Куыд зæгъы, афтæмæй йын æрмадз саразынæн стыр æххуыс бакодта скъолайы директор Тъехты Дунессæ. Куыддæр æм бахатыд, афтæ йын скъолайы кабинет рахай кодта. Зауырмæ фидæнмæ бирæ пълæнттæ ис. Фæнды ма йæ сабиты уадыдзтæ, лалым-уадындзтæ æмæ гуымсæгтæ аразыныл дæр сахуыр кæнын. Сабитæ цы инструменттæ саразой, уыдоныл иу сæхæдæг цæгъдын ахуыр кæндзысты. Сæ хай та сын сæвæрдзысты скъолайы ирон культурæйы музейы. Æрмадзмæ æрбацæуын æмæ рагон ирон музыкалон инструменттæ хи къухтæй саразын бафæлварын у алкæй бон дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тарскæйы скъолайы байгом рагон ирон музыкалон инструменттæ аразыны æрмадз
Категория:
Новости и СМИ