Иумæ хуыздæр у?
Рассветы цæрджытæ хъаст кæнынц. Районы администраци сфæнд кодта хъæуы скъола æмæ рæвдауæндон баиу кæнын. Ныртæккæ скъолайы ахуыр кæнынц æрмæст 9 сывæллоны, кæд æмæ дзы бынат ис 200 ахуырдзауæн. Уæдæ сывæллæтты рæвдауæндоны та ис 17 сывæллоны. Администраци уавæр æмбарын кæны афтæ, æмæ дыууæ бæстыхайы дарын тынг зын у. Фæлæ ныййарджытæ та разы не сты ахæм ивддзинæдтимæ. Суанг ма республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ дæр пъисмо ныффыстой. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн не сфæлдыстадон къорд. Сывæллæттæ ахуыр кæнынц æмдзæвгæтæ. Сæхи цæттæ кæнынц ног азмæ. 2019-æм азыл сæмбæлдзысты сæ рæвдауæндоны. Фæлæ, гæнæн ис, æмæ фидæны ног азыл та æмбылдзысты сæ фарсмæ цы бæстыхай ис, уым. Сывæллæтты рæвдауæндоны кусджытæ æмæ свæллæтты ныййарджыты нæ фæнды, цæмæй скъола æмæ рæвдауæндон баиу кæной. Сæ ныхæстæм гæсгæ, скъолайы ма рæвдауæндонæн бынат фаг нæй. Хуырымты Еленæ цæргæ бонты фæкуыста ахуырады системæйы. Фæстаг азты уыд сывæллæтты рæвдауæндоны разамонæг. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, скъоладзаутæ æмæ скъолайы агъоммæ сывæллæттæ хъуамæ иу бæстыхайы ма уой. Ныртæккæ Рассветы скъолайы ис 9 ахуырдзауы. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, скъоламæ цæуыны асы сывæллæттæ та хъæуы сты 50.18-ы дзы æрвылбон автобусыл ласынц Æрыдоны 1-æм скъоламæ. Кæцыдæр сывæллæттæ та сæхæдæг цæуынц сыхаг хъæуты скъолатæм. Цæуылнæ сæ фæнды сабиты сæхи хъæуы ахуыр кæнын, зæгъгæ куы бафæрсай, уæд скъолайы разамынд дæтты ахæм дзуапп: «специалисттæ нæм нæй» Хъæуы хистæрты ныхæстæм гæсгæ, скъолайы кæддæр ахуыр кодтой 70 сывæллоны. Фæлæ уавæр аивта 2009-æм азы. Уæд ахуыргæнæндон скодтой 8-азон. Хистæр кълæсты ахуырдзауты та арвыстой Æрыдоны 1-æм скъоламæ. Уыцы рæстæг Рассветы скъолайы кусджыты бæрц дæр фæкъаддæр кодтой. 8 ахуыргæнæджы систой сæ бынæттæй. Сывæллæты чи сахуыр кæна, ахæмтæ нал баззад. Хистæр кары адæм дæр ног хъуыдыйы – скъола æмæ рæвдауæндон баиу кæныны – фарс нæ рахæцыдысты. Ныртæккæ скъолайы æрыгæттæй кусы æрмæст дæр иу специалист. Бекъойты Чермен у историйы дæтты. Æхцайы тыххæй нæ кусы, скъола уадзын æй нæ фæнды æндæр. Йæхæдæг дæр ацы ахуыргæнæндон каст фæци. Скъола æмæ сывæлллæты рæвдауæндон баиу кæныны хъуыды разынд Æрыдоны районы администрацимæ. Администрацийы разамонæг Мæхæмæтты Зауырбеджы ныхæстæм гæсгæ, уыцы хабары хорзырдæм фæзындзæн сывæллæтты ахуыры уавæртыл. 2019-æм 2020-æм азты муниципалон сконды фæрæзтæй скъола рацараздзысты. Базилдзысты хæрæндон. Скъолайы иу хайы та скæндзысты сывæллæтты рæвдауæндон. Уыцы нысантыл фæнд кæнынц 5 милуан сомы схардз кæнын. Мæхæмæтты Зауырбеджы ныхæстæм гæсгæ, 2 хибар корпусы дарын районæн у æгæр зынаргъ. Æмæ кæд хъуыддаг сырæза, уæд рæвдауæндоны бæстыхай ауæй кæндзысты аукционæй. Администрацийы зæрдæ æвæрынц, скъола æмæ рæвдауæндоны кусджытæй иу дæр йæ куыстæй кæй нæ фæхаудзæн. Кæронбæттæн уынаффæ дæр æнæ бынæттон цæрджыты бафæрсгæйæ нæ рахæсдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иумæ хуыздæр у?
Категория:
Новости и СМИ