Заманхъулы нæ кусы бынæттон афтек
Заманхъулы ныр мæйы дæргъы нæ кусы бынæттон афтек. Бахъуаджы рæстæг хъæуы цæрджыты бахъæуы Беслæнмæ цæуын. Ацæргæ адæм тыхсынц, фæндаг дард кæй у, уымæй. Сæ хъаст фæхæццæ кодтой суанг республикæйы сæргълæуæгмæ. Уый бабар кодта хъуддагыл бакусын. Не 'сфæлдыстадон къорд абалц кодта Заманхъулмæ æмæ базыдта, ныртæккæ адæм цы уавæры сты æмæ сын бæрнон кусджытæ куыд баххуыс кæндзысты. Хъуысаты Заурыбег ныр 12 азы дæргъы у рынчын. Йæ къæхтыл ма хорз куы лæууыд, уæд куыста æмæ бинонтæ дарын йæ бон уыд, фæлæ йе 'нæниздзинад æнæнхъæлæджы фæцудыдта, æмæ ныр тухæн кæны. Йæ бинойнаг йæ фарсмæ ис. Цыдæриддæр æй хъæуы, уымæй йын æххуыс кæны. Уæдæ йын хостæ дæр бирæ хъæуы. Раздæр ма-иу цыдысты хъæуы афтекмæ, фæлæ ныр бæстыхай мæйы дæргъы у æхгæд. Хъуысаты Еленæйы ныхæстæм гæсгæ, хъæуы афтекы алы хостæ дæр уыдысты. Адæм дæр æм цыдысты. Еленæйы сыхаг, Хъуысаты Батырбег дæр у рынчын. Йе 'нæниздзинад кæддæр фæцудыдта æмæ йæ ныр æппынæдзух фæхъæуынц хостæ. Кæд-иу Заманхъулы цæрджытæ раздæр афтекмæ цыдысты, уæд ныр та сæ курдиæттæ хæссынц хъæуы амбулаторимæ. Амбулаторийы сæргълæууæг Хъуысаты Фатимæйы ныхæстæм гæсгæ, цæрджытæ æцæгæйдæр, тынг тыхсынц, хостæй хъуаг кæй æййафынц, уый тыххæй. Фæлæ хъуыддаг тагъд рæстæджы хъуамæ лыггонд æрцæуа. Фарста æвæрд æрцыд Рахизфарсы районы рынчындоны сæргълæууæджы раз. Цыбыр рæстæгмæ хъуамæ лицензи цæттæ уа. Хъæуы цæрджытæ ныртæккæ хостæ æлхæнынмæ цæуынц Беслæныхъæумæ. Фæндаг дард у. Ацæргæ адæмæн та сæ бон нæу ахæм дард фæндагыл цæуын. Махæн не’ сфæлдстадон къорд ацы фарстайы фæдыл бацыд организаци «Фармация»-йы разамындмæ. Уыдон нын куыд радзырдтой, афтæмæй Заманхъулы афтекыл цæуы 50 азæй фылдæр. У тынг рагон. Фæлæ дзы ныртæккæ кусæг дæр нæй. Уымæ гæсгæ æхгæд æрцыд. АО «Фармация»-йы кусджытæ нын зæрдæ бавæрдтой, хъуыддаг цыбыр рæстæгмæ кæй сраст кæндзысты, уымæй. Æрмæтдæр хъæуы банхъæлмæ кæсын, цæмæй дæсны специалист ссарой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Заманхъулы нæ кусы бынæттон афтек
Категория:
Новости и СМИ