Ног тыхтимæ
Футболон клуб «Спартак-Дзæуджыхъæу»-ы футболисттæ абон рацыдысты фыццаг тренировкæмæ сæ ног разамонæг Гогниты Спартакимæ. Цалдæр боны кæндзысты алыхуызон фæлтæрæнтæ, стæй уæд райдайдзысты пуртиимæ хъазын. Ныртæккæ командæйы ис 30 адæймагæй фылдæр. Иумæйаг тренировкæты фæстæ сбæрæг кæндзысты командæйы сконд. Футболон клуб «Спартак-Дзæуджыхъæу» турнирон хыгъды у 12-æм. Ерыстæ райдайдзысты 16-æм мартъийы. Фыццаг фембæлд уыдзæн Новокубанскы командæимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног тыхтимæ
Категория:
Новости и СМИ