Дзанайты Барис ацыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд

Рауагъдонтæн ахсджиаг рæстæг. Райдыдта Иумæйаг паддзахадон фæлварæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Райдыдта сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани дæр. Скуыстой скъолаты лагерьтæ. Ацы аз 24 мин сывæллонæн фадат ис сæ каникултæ хъæлдзæгæй арвитынæн. Ныхас цыд Сергей Меняйлойы амынддзинæдтыл дæр цæугæдæтты былгæрæттæ ныссыгъдæг кæныны фæдыл. Хицауады сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег фехъусын кодта, æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады техникæ кусы сылгоймæгты моладзандоны Алагиры. Уым былтæй дон раивылынæй тæссаг нал у. Æрдзырдтой æндæр темæтыл дæр. Ивгъуыд къуыри республикæйы æрцыд 84 фæндаггон-транспортон фыдбылызы. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ аиуварс кодтой 7 зынгсирвæзты. Уымæй уæлдай ма Дзанайты Барис районты сæргълæуджытæн бахæс кодта инфраструктурæ æмæ хæрзвадатдзинадимæ баст фарстатæ аиуварс кæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 415 подписчиков
12+
9 просмотров
22 дня назад

, чтобы оставлять комментарии