Дзæуджыхъæуы Кырджылийскийы уынджы иу фатеры æрцыд зынгсивæрзт
Дзæуджыхъæуы Кырджылийскийы уынджы иу фатеры æрцыд зынгсивæрзт. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæ куыд фехъусын кодта афтæмæй диспечер зынгсивæрзты тыххæй хъусынгæнинаг райста фæссихор. Бынатмæ æвæстиатæй æрбацыдысты техникæйы 5 иуæджы æмæ 13 инрвæзынгæнæджы. Уымæй уæлдай ма арты хъæлæсæй байстой фатеры хицауы. 56-азы дзыд нæлгоймаг Тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ бахауд. Ирвæзынгæнджытæ сыхаг фатертæй рацæуын кодтой 12 адæймаджы. Гæнæн ис æмæ зынгсивæрст хæдзары тамако кæй дымдтой уый аххосæй æрцыд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Кырджылийскийы уынджы иу фатеры æрцыд зынгсивæрзт
Категория:
Новости и СМИ