Бæлццæтты сагъæс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

Фæстаг азты стыр горæтты цæрджытæй бирæтæ тырнынц хæстæг хъæуты æрцæрынмæ. Ахæм бæллиц арæх фехъусæн ис дзæуджыхъæуккæгтæй дæр. Уый хыгъд бынæтон цæрджытæ та хъаст кæнынц иуæй-иу æнæлыггонд хъуыддæгтыл. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та: фæндæгтæ ис, транспорт ис, фæлæ.... Куыд кусы, уый сагъæсы æфтауы. Иу ныхасæй машинæты арæхæй - æнæ транспорт. Цæмæн афтæ у, уый раиртасыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Абалц кодтой Джызæлмæ. Джызæлы фæндæгтыл машинæ уромæг адæмы фенын диссаг никæмæуал кæсы. Уымæн æмæ йæ алчидæр зоны - æхсæнадон транспорт дзы стæм хатт фендзынæ. Уæвгæ кусы. Фæлæ куыд?! Уый бынтон æндæр фарста у. Кæд фæткмæ гæсгæ хъуамæ цæуой, уæддæр бæлццæттæ ласæн маршруткæ кæд фæзындзæн, уый дæсны фæрсæг йеддæмæ ничи зоны. Хуымæтæг адæмы та сахатгай бахъæуы транспорт лæууæн бынæты кæд фæзындзæн, уый хъахъхъæнын. Афтæмæй нымайынц афæдзы афонтæ æмæ хурæй-къæвдайæ сæ бонмæ æрвитынц. Гасситы Маринæ: «Куыд нæм кæсы, афтæмæй æхсæнадон транспорты фарста лыггонд нæ цæуы. Ныр бирæ азты тыхсæм сæвзæрд уавæрæй. Раздæр иу зындзинæдтимæ куыд цыдыстæм, афтæ ныр дæр. Иу маршруткæйæ иннæмæ æнхълмæ гæсгæйæ, адæймагыл баизæр вæййы». Маршрутон такти куы фæзыны, уæд æм адæм ныггуылф кæнынц. Уый дæр бамбарæн ис - машинæтæ фаг нæй, цæуынц стæм хатт, хъæу та стыр у. Æмæ цалынмæ хъæуы иу кæронæй иннæмæ цæуа, уæдмæ дзы уæгъд бынат нал вæййы. Фæстаг рæстæг та ма сæрæндæр чи у, уыдон рагацау сбадынц машинæйы, ныццæуынц кæронбæттæн тигъмæ - æмæ *рмæст афтæмæй ацæуынц кæдæм сæ хъæуы, уырдæр. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та Дзæуджыхъæумæ. Хъæуы администрацийы дæр ыл сæттынц - транспорт куыд æмбæлы, афтæ нæ кусы. Иу афон автобус дæр рацæуын кодтой. Фæлæ маршрутон такситы сæрæн хицæуттæ иу йæ разæй фесты, бæлццæтты амбырд кодтой - æмæ арæх автобус афтидæй цыд. Афтæмæй йæ хæрдзтæ - йе фтиæгтæй фылдæр уыдысты. Профилон министрады специалисттæн дæр ацы фарста æнæзонгæ нæу. Рейдтæ куы сарæзтой, уæд та иу, æнæнхъæлæджы маршрутон такситы хицæуттæ фæндæгтыл цыдысты æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ. Цæстдарджытæ ацыдысты - æмæ та шофыртæ сæхи фæнд атæрынц. Министрады кусджытæ та агурынц ахæм мадзал, цæмæй маршрутон такситы шофыртæ дæр æгуыстæй ма баззайой, бæлццæтты уавæр дæр куыд фæхуыздæр уа. Фæлæ бафиппайынц - уавæр куы нæ фæхуыздæр уа æмæ фæткмæ гæсгæ куы нæ кусой, уæд сæ айсдзысты æмæ хъæуы фæндæгтыл цæудзæн автобус. Хъыргъуты Алан, РЦИ-Аланийы промышленносты æмæ транспорты министры хæдивæг : «Маршрутон такситы хицæуттæн радтам рæстæг, цæмæй сæ куыст банывыл кæной, уый тыххæй. УЫмæй уæлдай ма хъуамæ æппæт аиппытæ æмæ фиппаинæгтыл бакусой. Иу хатт ма йæ зыгъын - маршрутон ктакситы хицæуттæ куыд æмбæлы, афтæ кусын куы нæ райдайой, фæткмæ гæсгæ куы нæ кусой æмæ сæ адæм куы хъаст кæной - уæд 26 февралæй хъæуы уынгтыл автобус ауаддзыстæм. Сты стыр æмæ дзы бæлццæттæ иууылдæр бацæудзысты. Сæйрагдæр та уый у æмæ цæудзæн бæлвырд фæткмæ гæсгæ. æмæ црджытæ зондзысты цафон рацæудзæн , уый». Хъыгагæн, хъуыддæгтæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ тагъд лыггонд нæ цæуынц. Джызæлы цæрджытæ. раздæрау сахатгай æнхъæлмæ кæсынц транспортмæ, маршрутон такситæ цæуынц куыд сæ фæнды, афтæ. Адæм курынц сæ зонгæты æмæ æмбæлтты, цæмæй сæ горæтмæ баласой, уый тыххæй. Иу ныхасæй машинæты арæхæй - æнæ транспорт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Бæлццæтты сагъæс

Категория:

Новости и СМИ