Цæгатирыстойнаг богæлттæ сыздæхтысты Испанийæ Европæйы ерыстæй
Испанийæ сæ райгуырæн Ирыстонмæ сыздæхтысты, фæсивæды ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Европæйы ерысты Уæрæсейы спортивон кад чи хъахъхъæдта, уыцы ирон богæлттæ. Аэропортмæ сæм бацин кæнынмæ æрбацыдысты спортуарзджытæ, хæстæджытæ, хæлæрттæ, спортивон æмæ æхсæнадон кусджытæ. Ерыс кæнгæйæ сæхи хъомысджынæй равдыстой. Хæрзиуджыты голлаг фæхъæздыгдæр 4 майданæй, уыдонæй иу сыгъзæрин. Æртæ боны баулæфдзысты æмæ та ногæй гауызмæ. Фидæны сæм æнхъæлмæ кæсынц Уæрæсейы чемпионат æмæ Дунейы ерыстæ æрыгæтты хсæн. Ацы æрмæг дæр Брытъиаты Феликсы бар бакодтам æмæ уын æй хæссæм уæ размæ. Ныфс æмæ хъæбатырдзинады `вдисæн. Ирон богæлттæм уæгъдибар хъæбысхæстæй арфæ ракæнынмæ аэропортмæ æрбацыдысты физкультурæ æмæ спорты министрады минæвæрттæ, спортуарзджытæ æмæ сæ хæстæджытæ. Хуыздæрты `хсæн Европæйы чемпионаты уæгъдибар хъæбысхæстæй разындысты Соттиты Аслæнбег, Сабанты Алыксандр, Наниты Вячеслав æмæ Джыгкайты Тамерлан. Æртæйæ дзы райстой бронзæ майдантæ юниорты `хсæн. Ерыстæ цыдысты Испанийы. Европæйы ерыстæй уæлахизимæ сыздæхт Соттиты Аслæнбег. Спортсмен хæцы 92 килограммы уæзы. Кæронбæттæн фембæлды Тыбылты Цезары хъомылгæнинаг фæуæлахиз йæ азербайджаЙнаг ныхмæлæууæг Асхаб Гамзатовыл 11:0 хыгъдимæ. Соттиты Аслæнбег равдыста стыр хъару æмæ арæхстдзинад. Сæйрагдæр та, рамбулын æй кæй фæнды, уыцы тырнындзинад. Æрдæгфиналы цæгатирыстойнаг богал абынæй кодта Алексей Пархоменкойы Белоруссийæ. Европæйы ерысты сæ арæхстдзинад фенын кодтой 21 азы кары онг спортсментæ. Турниры сæхи æнтыстджынæй равдыстой Сабанты Алыксандр, Джыгкайты Тамерлан æмæ Наниты Вячеслав дæр. Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Лалыты Вадим, Наниты Зураб Гозымты Хетæг, æмæ Дзукъаты Кахабер. Сæ хъомылгæнинæгтæй разыйæ баззадысты, фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ бон фылдæр у. Сæ арæхстдзинад спортсментæ æвдыстой 10 алыхуызон уæзы. Фембæлдтытæ уыцы-иу рæстæг цыдысты 3 гауызыл. Испанийы æрæмбырд сты ацы спорты хуызы зындгонддæр спортсментæ. Се `хсæн уыдысты олимпаг чемпионтæ, алы къæпхæнты уæлахиздзаутæ, стæй Европæйы æмæ Дунейы ерысты призертæ. Уæрæсейы иугонд командæйы тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболат дæр цыппар майданы хорз æнтыстыл нымайы. Уæрæсейы чемпионаты æмæ дунейы ерысты сбæрæг уыдзæн спортсменты арæхстдзинад, раргом уыдзысты ног курдиатджын фæсивæд дæр. Æмулæфт кæндзыстæм богæлттæм кæсгæйæ. Спортсментæ куыд зæгъынц, афтæмæй сыл кæй зæрдæ рысти, уыдоны ахастдзинад æнкъардтой. Уый сын сæ тыхыл тых æфтыдта, разæнгард сæ кодта ног уæлахизтæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгатирыстойнаг богæлттæ сыздæхтысты Испанийæ Европæйы ерыстæй
Категория:
Новости и СМИ