Паддзахадон Думæ сфидар кодта цифрон сомы тыххæй закъон
Паддзахадон Думæ сфидар кодта цифрон сомы тыххæй закъон
Паддзахадон Думæ сфидар кодта цифрон сомы тыххæй закъон. Ныр уыцы националон валютæйæн дæр фидæн уыдзæн. Ныртæккæ Уæрæсейы банк цæттæ кæны æцæг клиентты цифрон чыссæтæм баиу кæнынмæ. Проекты фыццаг къæпхæны архайы нæ бæстæйы алы регионты 13 банчы, цалдæр базарадон æмæ лæггæдты компанийы. Уыдоны куысты хатдзæгтæм куы 'ркæсой, уæд рахæсдзысты уынаффæ проект æгас хъомысæй скусын кæныны тыххæй. Цифрон сом - у сомы æртыккаг хуыз. Пайда дзы кæндзысты гæххæттын æмæ æнæрмæджы æхцайимæ иумæ. Даргæ та сæ кæндзысты Уæрæсейы банчы платформæйы хицæн адæймæгтæ æмæ компаниты цифрон чыссæты. Чыссæ байгом кæныны фадат уыдзæн банчы мобилон уæлæфтуаны уылты.