Цæгат Ирыстоны хæхты фæнд кæнынц ауадзын 3 фыранчы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Ахæм мадзал фæнд кæнынц саразын фæззæджы кæроны. Уый тыххæй фехъусын кодта, Уæрæсейы Наукæты академийы Экологи æмæ эволюцийы проблемæты институты æмæ «РусГидро»-йы проекты координатор Артур Алибеков. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыранчыты цæттæгæнæн мадзæлттæ кæронмæ куы рхæццæ уой, уæд сæ уайтагъд æрдзы хъæбысмæ ауаддзысты. Ныридæгæн уал рæзынц. Сты ахæм кары къæпхæныл æмæ сæ хъомыладыл хъæуы бакусын æмæ бацархайын. Ауадзыны размæ фыранчыты хъæудзæн раттын сæрмагонд фæлварæн. Афтæ хъуамæ ма цуан кæной адæймагыл. Цымыдисаг уый у, æмæ 2018 азы национ парк Аланийы цы Волна зæгъгæ фыранк рауагътой, уымæн тугмæ гæсгæ хæстæг нæу. Уымæй бæрæг дардзæн генетон хæрзхъæддзинад. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ фидæны 3 фыранчы сты фаранк Эльбрусы кæстæр æфсымæртæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, леопард Эльбрус фесæфт декабры, Хуссар Ирыстоны хæхты. Хъуырбосы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, къуыри йæ бынатæй не змæлыд. Цы йыл æрцыд, уый абон дæр бæрæг нæу. Спутниччы нысæнттæм гæсгæ, сырд кæнæ æххормагæй амард, кæнæ йæ хъуырбос йæхæдæг ратыдта. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ Азиаг фыранчытæ Эльбрус æмæ Волна Цæгат Ирыстоны национ парк «Алани»-йы ауагътой ивгъуыд аз, июлы. Сæрмагонд программæмæ гæсгæ сæ сахуыр кодтой æрдзон уавæрты хæдбарæй цæрыныл. Ахæм хуызы фыранктæ схъомыл кæныны фæлтæрддзинадæн дунейы æмбал нæй. 20-æм æнусы астæумæ азиатаг фыранк арæх æмбæлд Кавказы. Фæлæ сæ фæстæдæр адæм ныццагътой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны хæхты фæнд кæнынц ауадзын 3 фыранчы

Категория:

Новости и СМИ