40 æм скъолайы арæзт æрцыд фехтованийæ турнир
Фехтованимæ дæсныдæр чи у, уый раиртасыны тыххæй турнир сарæзтой Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Днепровскийы номарынæн. Ерыстæ саразынæн баххуыс кодта парти «Иугонд Уæрæсе». Архайдтой дзы 50 спортсменæй фылдæр. Се `хсæн — йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсментæ дæр. Ахæм фадат сын фыццаг хатт уыдис. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй æмæ хæрзиуджытæй. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ацы аз паралимпаг спортсментæн Дзæуджыхъæуы байгом сæрмагонд зал фехтованийæ. Нырма уал Цæгат Кавказы у иунæг. Фæлæ спорсментæн пайда кæй уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
40 æм скъолайы арæзт æрцыд фехтованийæ турнир
Категория:
Новости и СМИ