Барадхъахъхъæнджытæ рабæрæг кодтой, наркотиктæ чи парахат кæны, ахæм адæймаджы
Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæ рабæрæг кодтой, наркотиктæ чи парахат кæны, ахæм адæймаджы. Дзæуджыхъæумæ ссæуæгмæ ссардтой наркотикты 9 тыхтоны. Уымæй уæлдай ма йæм цыппар раны рабæрæг кодтой сусæг æвæрæнтæ. Криминалистты хатдзæгмæ гæсгæ, уый уыд героин. Йæ бæрц та 3 граммы. Куыд рабæрæг, афтæмæй закъонхалæг у 24 аздзыд мигрант. Нæлгоймагмæ ныр хауы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Фыдгæнæджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Уголовон кодексы 228-æм уац «Æнæзакъонæй наркотикон буаргъæттæ парахат кæныны тыххæй» фыстмæ гæсгæ закъонхалæг, гæнæн ис, æмæ ахæстоны фæбада 20 азы. Слестгæнджытæ дарддæр сæ куыст кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Барадхъахъхъæнджытæ рабæрæг кодтой, наркотиктæ чи парахат кæны, ахæм адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ