Аз иу хатт
Мæскуйы арæзт æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æрвылазон æмбырд. Ацы аз регионты минæвæрттæ æрбамбырд сты 18-æм хатт. Форум арæзт уыд 2 боны. Дыккаг бон æй бабæрæг кодта Уæрæсейы прездиент Владимир Путин дæр. Уый бузныджы ныхæстæ загъта партийы уæнгтæн. 3 000 архайæджы æмæ уазæджы Уæрæсейы алы регионтæй æрбамбырд сты иу ран. Алкæмæ дæр сæ ис йæхи хъуыдытæ æмæ хъæппæристæ. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæлдæр æмæ генералон советты æмбырды ныхас цыд фидæны азмæ пълæнттыл. Ивгъуыд азы хатдзæгтыл та æрдзырдта премьер Дмитрий Медведев пленарон æмбырды. Бацархайдта дзы Уæрæсейы президент Владимир Путин. Равзæрстой Генералон Советы ног уæнгты дæр. Нæ республикæйæ дзы - паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы 18-æм æмбырды Цæгат Ирыстойнаг минæварады сæргъы уыд Битарты Вячеслав. Йæ ныхæстæм гæсгæ, партийы проекттæ æххуыс сты регионты рæзтæн. Фыццаг хатт Цæгат Ирыстойнæгтимæ сты Æрæфы æмæ Мæздæджы районты минæвæрттæ дæр. Мадзалы архайджытæн сарæзтой ныхас кæныны фæзтæ. Æрдзырдтой ахсджиагдæр фарстатыл - сæ куысты пайдадзинад фæхуыздæр кæнын, æвзарджытимæ æмгуыст кæнын æмæ семæ бастдзинад æнтыстджындæр саразын. Æмбырды уæлдай лæмбынæг æркастысты регионалон хайадты куысты хæрзхъæддзинадмæ. Партийы разамонджытæ сæм фæнд кæнынц сæ цæст æрмæст æвзæрстыты рæстæг нæ, фæлæ æппынæдзух дарын. Уый руаджы регионты æркæсинаг фарстатæ æнцондæр уыдзæн рабæрæг кæнын. Куысты хъæндзинæдты тыххæй дæр дзурынц æргомæй. Партийы уæнгты ныхæстæм гæсгæ, æрмæстдæр афтæмæй ис куысты къуылымпыдзинæдтæ раргом æмæ аиуварс кæнын. «Ныртæккæ стæм фæз «Лидерство»-йы. Ацы фæзыл æрныхас кодтам, æрмæст партийы уæнгты нæ, фæлæ нæ бæстæйы æппæт цæрджыты дæр цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдон. Ахæм фарстатæ нал баззад, нæ парти кæцытæм не ркаст», — парти «Иугонд Уæрæсе»-йы генералон советы уæнг Токаты Людмилæ. Партийæн иннæ аз райдайдзæн ног политикон цикл. Фадат уыдзæн рæдыдтытыл дæр бакусын æмæ ног хæстæ сбæрæг кæнынæн. Нысантæ бæрæг. Хъæуы сыл кусын. Биджелты Бертæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аз иу хатт
Категория:
Новости и СМИ