Лункæмæ рæстдзæвинтæ
Бильярдæй чемпионат сарзтой нæ республикæйы. Сæйраг приз 300 мин сом рамбулыныл тох кодтой 16 хуыздæр бильярдисты. Турниры сæйраг нысан, фæсивæды `ргом бильярды спортмæ аздахын. Æвзарæн ерыстæ уыдысты цалдæр къæпхæны, цыдысты 2018-æм азы. Кæронбæттæнмæ рацыдысты хуыздæртæ. Арæхстдзинад равдисыны фадатдзы уыд алкæмæн дæр. Бильярд чи уарзы, уыдоны нымæц Цæгат Ирыстоны фылдæр кæны. Спортсменты ныхæстæм гæсгæ, интеллектуалон миниуджытæм гæсгæ, бильярд у шахмæтты хуызæн. Хъæуы дзы хъуыды кæнын. Бахъæудзысты дзы геометри, математикæ æмæ физикæйы зонындзинæдтæ дæр. Чемпионат уыд дыууæ боны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Лункæмæ рæстдзæвинтæ
Категория:
Новости и СМИ