Улæфынмæ — хъырыммæ
Сæрдыгон улæфæн рæстæг æрхæццæ кæны æмæ Уæрæсейы скуыстой Хърыммæ уæлæмхасæн маршруттæ. Бæлццæтты удæнцойæн сын ис бар «иумæйаг» билеттæм гæсгæ цæуын. Иумæйаг билетмæ гæсгæ бæлццонæн йæ бон у Анапæ кæнæ Краснодарæй — поездыл, автобусыл кæнæ паромыл ацæуын Керчь, Симферополь, Феодоси, Судак, Евпотори æмæ Ялтæмæ. Иумæйаг билетæй спайда кæнæн уыдзæн 30 сентябрмæ. Ныр уал Хърыммæ æмæ фæстæмæ сæ гæххæттытæ бацæттæ кодтой 60 мин адæймаджы. Гæххæттытæ скæнæн ис æфсæнвæндаг вакзалы æмæ Уæрæсейы æфсæнвæндаджы офицалон сайты. Куыд дзы хъусын кæнынц, афтæмæй Керчы донкъубалы сæрты быраныл машинæтæ цæуын райдайдзысты 15-æм майæ фæстæмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Улæфынмæ — хъырыммæ
Категория:
Новости и СМИ