Кинойы хæдзары ацыд премьерæ «Нарты. Театр вопреки»
Кинойы хæдзары ацыд премьерæ. Равдыстой дзы документалон киноныв "Нарты. Театр вопреки". Сценарийы автор æмæ йæ режиссер у Битарты Ангелинæ, сæйраг продюсер Сохъуырты Раисæ. Кинойыл куыстой иу афæдзы дæргъы. Исын æй райдыдтой 2022-æм азы ноябры. Æвдыст дзы цæуы бæхты драмон театр "Нарты"-йы цардархайд. Куыд цæттæ кæнынц спектакльтæм, репетицитæ, актерты куыст, цымыдисаг трюктæ. Стæй, æнæмæнг, сæ равзæрст дæсныйадмæ уарзондзинад. Документалон киноныв арæзт æрцыд Уæрæсейы культурæйы министрады æмæ кинокомпани "Эдельвейс"-ы æххуысæй.