Бархион адæмон дружинæйы фæллойгæнджытæ Уæрæсейы Мидхъуыддæгты разамындимæ иумæйагæй бакуыстой æхсæн
Сæ райсом райдыдта радон æркастæй. Æфсæддон хъахъхъæнджыты цæугæ къордæн æмæ бархион адæмон дружинæйæн бацамыдтой, цы сæ кæнын хъæудзæн, уый. Уæлдайдæр ныртæккæ нæ республикæ цы уавæры ис, уый хынцгæйæ. Уый фæстæ та дружинæйы кусджытæ æмæ мидхъуыддæгты министрады разамынды минæвæрттæ горæты центр бабæрæг кодтой. Уыдон бацархайдтой, цæмæй нæ горæты цæрджытæ кæрцъхъусдæр уой, æмæ цæстфæлдахджыты митæй хи бахъахъхъæныны тыххæй лæмбынæг кæсой сæ алыварс цытæ цæуы, уыдæттæм. Профилактикон куыстыты йæхи иттæг хорз чи равдыста, уыдоны та схорзæхджын кодтой кады гæххæтытæй. Уыдоны 'хсæн: Голоты Валерий, Тогойты Батрадз, Къораты Давид, Уыттырты Хъазыбег, Терентий Захаров æмæ Гуыбиаты Жаннæ. Управленийы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм иумæйаг куыст стыр ахъаз у рæзгæ фæлтæрæн. Уымæн æмæ уыдон сты мидхъуыддæгты министрады службæйы фидæны кусджытæ. Дружинæйы службæйы фæллойгæнджыты къорды архайæг суæвынмæ хъæуы мидхъуыддæгты министрады куысты бацархайын. Уыцы архад чысыл фæстæдæр ахъаз уыдзæн цард пъæлицæйы куыстимæ сбæттын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бархион адæмон дружинæйы фæллойгæнджытæ Уæрæсейы Мидхъуыддæгты разамындимæ иумæйагæй бакуыстой æхсæн
Категория:
Новости и СМИ