Балтайы ныссагътой сырх тулдзы 1000 талайы

Арæхстгай дзыхъ скъахын, тала ныссадзын æмæ йæ донæй бафсадын. 9 аздзыд Алания абон фыццаг хатт ныссагъта бæлас. Чызг зæрдæ бавæрдта, бæлас фæхæцыд æви нæ, уый фенынмæ, æнæмæнг, йæ мадимæ кæй æрбацæудзæн. Бархионтæ, ветерантæ, батальон "Шторм Осетия"-йы æфсæддонтæ æмæ алы ведомствоты кусджытæ. Ацы бынаты сæмбырд сты сæ хистæрты чи нымайы, хæстон цаутæ чи хъуыды кæны, уыдон. Радон акцийы хуымæтæг архайдыл æй нæ нымайынц. Ацы аив бынаты, хæхты бынмæ сырæздзысты сæ сагъд сырх тулдз бæлæстæ. Хæстон цауты æвдисæн - Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Пагæты Алыксандр акцийы архайджытæн радзырдта йæ хæстон фæндæгты тыххæй, уыимæ ма 98 аздзыд кадджын хистæр бæласы тала дæр ныссагъта. Акци арæзт у алы ветераны, æфсæддоны æмæ хъайтары номыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз республикæйы ныссадзысты алы хуызтæ 50 мин талайæ фылдæр. Акци "Сад памяти" фæцæуы æрвылаз. Национ проект "Экологи" федералон проект "Сохранение лесов" федералон проекты фæлгæты егъау æппæтадæмон мадзал. Снысан æй кодтой Дзæуджыхъæу немыцаг фашисттæй куы суæгъд кодтой, уыцы цауæн. Абон цы бæлæстæ сагъд æрцыдысты, уыдонæй алкæцы дæр у удыгас цыртдзæвæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 455 подписчиков
12+
39 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии